Читать книгу Æмдзæвгæтæ. Санахъоты Юляйы тæлмац - Генрих Гейне - Страница 12

Æхсæвы хъуыдытæ

Оглавление

Германæй иппæрд – уый мæ зын,

Æхсæв мæ цæст нæ кæны цъынд.

Кæсын æм дзагъырдзастæй, дардæй,

Мæ цæссыг нал уромын й́ардæй.


Ызгъорынц азтæ, бон цæуы!

Кæмдæр мæ ныййарæг кæуы.

Дыууадæс азы йæ нæ уынын;

Хъынцъым кæнын мæ хъал, мæ фыны.


Мæ сагъæс бонæй-бон фыддæр,

Мæ мады рухс фæлгонц ныр дæр

Мæ цæсты раз лæууы, нæ хизы.

Хуыцау, ды йын фæу сæрхъызой!


Йæ хъæбулы куыд уарзы мад, —

Йæ цард æнæ мæн у æнад.

Фыссы мæм, уæд йæ къух æвдисы,

Йæ зæрдæ адæргæ куыд риссы.


Æдзух мæ хъуыдыйы мæ мад,

Ныр дæн дыууадæс азы дард, —

Ныййарæгимæ не стæм иумæ…

Тæхуды уый нылвас дæ риумæ!


Герман æнусон у, хъæддых,

Тыхгæнæг ын нæ кæны тых.

Йæ тулдз, йæ сусхъæдтæм та ногæй

Цæудзынæн фидæнмæ уæнгрогæй.


Фыдызæххæй кæй дæн æз дард,

Нæ уаин уый охыл æнкъард,

Фæлæ мæ мад… Нæу зæххæн ницы,

Зæрондмæ та мæлæт æмхиц у.


Нæ зæххæй рагæй дæн æддæ,

Фæцыд уым бирæтæ мæрдтæм,

Кæй уарзтон, уыдонæй… Сæ хъарæг,

Сæ мысынæй мæ уд æснарæг.


Куы сæ фæнымайын, – мæ мæт

Кæны фыддæр, хъыггагдæр уæд:

Цыма сæ уæлмæрд ис мæ риуы,

Мæ сау зæрдæ æррайау ниуы.


Хуыцауæй бузныг! Бон фæцъæх,

Ныууарыд рухсы тынтæй зæгъ.

Фæзынди ме ́фсин, бонау аив,

Мæ мæт йæ цæсты рухсæй айвылд


Æмдзæвгæтæ. Санахъоты Юляйы тæлмац

Подняться наверх