Читать книгу Æмдзæвгæтæ. Санахъоты Юляйы тæлмац - Генрих Гейне - Страница 16
«Дæ фыстæджы зын фарстæй…»
ОглавлениеДæ фыстæджы зын фарстæй
Цы тæрсын кæныс мæн?
Фыссыс, ды мæн нæ уарзтай, —
Цы тыхсыс уæд, цæмæн?
Æхсæз сыфы, лыстæг фыст, —
Чысыл къухæн йæ фæд.
Дæрддыл фыссын – дзæгъæл куыст,
Куы нæ уал уарзай, уæд.