Читать книгу Æмдзæвгæтæ. Санахъоты Юляйы тæлмац - Генрих Гейне - Страница 4

«Атлант дæн æз, – æнамондты фыддæр!..»

Оглавление

Атлант дæн æз, – æнамондты фыддæр!

Хæссон æз хъуамæ сау зæххы уæззау сон.

Ысфæразæн цæмæн нæй, уый фæразон,

Кæд уымæй зæрдæ атондзæн, уæддæр.


О, хъал зæрдæ! Дæхи бæллиц куы уыд.

Дæу амондæй фæрныг уæвын фæндыд…

Ды дунейы фыдхъыгтыл кодтай зыд;

Рай, хъал зæрдæ! Дæ фæндиаг æрцыд!


Æмдзæвгæтæ. Санахъоты Юляйы тæлмац

Подняться наверх