Читать книгу Æмдзæвгæтæ. Санахъоты Юляйы тæлмац - Генрих Гейне - Страница 6
«Æвиппайды ацæуынц азтæ…»
ОглавлениеÆвиппайды ацæуынц азтæ,
Фæлтæртæ ивылынц мæрдтæм.
Æрмæст нæй ивгъуыйæн мæ уарзтæн,
Æнусты мæ риуы цæрдзæн.
Бæргæ ма дæ иу хатт куы фенин,
Æрлæууин мæ зонгуытыл уæд.
Мæлгæйæ дæумæ дзурæг фестин:
«Мадам, ды— мæ уарзон, мæ зæд!»