Читать книгу Æмдзæвгæтæ. Санахъоты Юляйы тæлмац - Генрих Гейне - Страница 18
«Ды – дидинау хæрзаив, …»
ОглавлениеДы – дидинау хæрзаив, —
Уæздан, рæсугъд, сыгъдæг.
Æмæ мæ удмæ катай
Æрбахъуызы сындæг.
Фæзæгъын: райс йæ зынтæ, —
Уый уаз хæсыл нымай!
Хуыцауæй иу хорз курын, —
Цæстæй дын ма уæд хай!