Читать книгу Нæмыгдзæф бонтæ - Юлия Санахъоты - Страница 18

ÆМДЗÆВГÆТÆ
Катай

Оглавление

Нæ дæн уынæг æз афæдзгай цæгаты, —

Мæ зæрдæйæн йæ удæнцой йæ ныфс.

Куы иу фестин æнæтухи Цæгаты…

Хъæуы лæджы æнæбасæтгæ уысм!


Ныццæнд вæййынц хæдтулгæтæ фæд-фæдыл

Ирыстонæн йæ тызмæг тары раст.

Зынджы зæйтæ ивылынц ам дæ сæнттыл…

Куыд уыдзыстæм?

                            Кæдмæ быхсдзыстæм маст?


2000

Нæмыгдзæф бонтæ

Подняться наверх