Читать книгу Нæмыгдзæф бонтæ - Юлия Санахъоты - Страница 23

ÆМДЗÆВГÆТÆ
Джыккайты Шамилæн

Оглавление

Фæбада уас дæ ныййарæг дзæнæты,

Дæу чи схаста – зæрдæйы хицау лæг.

Дзыллæйы хъысмæт чи хæссы йæ мæты,

Бæрзонд нысанмæ чи тырны æцæг!


Æндон хæтæлты не знаг мах куы ́ндæгъта,

Куы ́ндзæрста махыл торнеты фыдарт,

Дæ зæлланг хъæлæс арвы цæфау згъæлдта

Йæ сау фæндтæ æзнагæн раст зынг кард!


Дæттыс ныхдур нæ фыдгултæн æгъатыр.

Дæ хуым дæр у дзыллæйы фарнæй зад.

Иры бæллицтыл тохгæнæг – бæгъатыр,

Фынджы сæрыл

                           Иры Стыр

                                           Куывды бад!


2000

Нæмыгдзæф бонтæ

Подняться наверх