Читать книгу Нæмыгдзæф бонтæ - Юлия Санахъоты - Страница 3

ÆМДЗÆВГÆТÆ
Хъуыдытæ фæсивæдыл

Оглавление

Цæмæн фыссæм арæх фыдцардыл,

Нæ зарæг цæмæн хъуысы ́нкъард?

Цæмæн дзурæм иууыл тыхстадыл?

Нæ цард дæр куы свæййы æнад!


«Нæ ивгъуыд уæззау уыд» – фæзæгъæм.

Кæмæн уыдис йеуæд уый рог?

Лæмбынæг нæ цардмæ æркæсæм,

Нæ ахаст æм скæнæм мах ног.


Цæмæн вæййæм иууыл кæуындзаст,

Цæй сагъæс нæ ́лвасы бынмæ?

Нæ фæсивæд махæн – цæхæрцæст,

Æви йæ нæ зонут нырмæ?


Цæвиттойнаг Ирæн фæдонтæ!

Куы фæцæуы «гъæйтт!», уæд – цæттæ.

Сæрабхъуыды се ́ппæт – хæстонтæ.

Нæ баззайынц искуы, æддæ.

Бæлуæттау сæ зæххмæ æртæхынц,

Æрлæууынц уæхски-уæхск æнгом.

Фыдызæхх сæхицæй нымбæрзынц,

Æнæхъæнæй фестынц æндон.


Ныууадзæм нæ додой ивгъуыды,

Ыссудзæм нæ зæрдæты рухс!

Кæм ма и сæрфатæн æмгъуыд дæр…

Æрдарæм нæ кæстæртæм хъус!


Нæ уарзты зынджытæ ма сисæм,

Нæ зæрдæты къуымтæй бæрзонд!

Нæ уарзтæй, цæй, кæстæрты фидæн

Ныррухс кæнæм иумæ æмзонд.


Ыскæнæм ма цинады зарæг,

Уæнгтæрогæй размæ цæуæм!

Рæсугъд бæллиц ма кæнæм нарæг,

Нæ фидæнмæ райгæ тырнæм.


Нæ хъæбултæм раздахæм не ́ргом,

Сæ удтæм æрлæууæм хæстæг.

Фæрог кæнæм кæстæртæн се́ргъом,

Нæ уыдзыстæм йеуæд хъæстаг!


Ныууадзæм æрвылбоны минас,

Кæрæдзийæн ма кæнæм маст.

Куы нæ цæры удгоймаг мин аз!

Нæ рæдыд куы скæниккам раст.


Хъуыдыгæнгæ ́взарæм дзырдтæ дæр, —

У авгау лæджы уд сæртæг.

Кæны нæ хъыг ныхас æддæдæр,

Фæлмæн ныхас – адæм бæттæг.

Фæзæгъынц, ныхас, дам, дымгæ у, —

Зæгъыс æй – æрбайсæфт йæ фæд.

Ис ахæм ныхæстæ… Цы мæнг у, —

Зæд дæр сæ нæ уромы, зæд!


Узæлæм кæрæдзийыл! Талас

Нæ фидæны тырыса суæд.

Уæд ́нафоны урс-урсид халас

Нæ сæртыл нæ уадздзæн йæ фæд.


Цæй, райдайгæ абонæй, цинаг

Ысуæд немæ царды æмдзу.

Уæд не суыдзæн фæсивæд суинаг

Кæйдæр бæсты искуы хæддзу.


Нæ Иры хæстæфхæрд хъæбултæ,

Сæрбахъуыды кодтат лæггад,

Ут амонджын иууыл, мæ хуртæ,

Æвидийгæ царды – уæ кад!


1994

Нæмыгдзæф бонтæ

Подняться наверх