Читать книгу Нæмыгдзæф бонтæ - Юлия Санахъоты - Страница 5

ÆМДЗÆВГÆТÆ
Хъæбатыр сылгоймаг

Оглавление

Битарон, Битарон,

Æмбæхст æй цы дарон.

Тыхст дуджы дæ митæн

Фæдæн æз æвдисæн.


Сæрбахъуыды арт дæ.

Дæ адæмыл радтæ.

Фæлварæн куы ́рлæууыд,

Æнцой дын уæд нал уыд.


Фыд-заман дæ ́рхаста,

Ызнаг нæ куы цагъта.

Фæтыхстис уæд алчи, —

Ныр ма ́ппæлæт мачи.


Дæ хæдзар ныууагътй,

Дæ уды зынг хъардтай

Нæ Ирæн нывондæн,

Нæ кæстæрты Сомæн.


Чысыл къуым æркуырдтай,

Куыстуат æй ысхуыдтай.

Æмбаргæ – дæ митæ, —

Æмбæстæгтæм сидтæ:


«Нæ кæстæртæ хæсты

Ныссæлдзысты́хсæвты.

Хъæрмттæ сыл ыскæм,

Хæлцæй сæм фæкæсæм!»


Ды ардтай фæрæзтæ,

Гъе, кодтай амæлттæ.

Æнæ хæлц нæ уагътай

Нæ кæстæрты. Загътай:


«Нæ зæххы кæд уарзæм,

Уæд хъуамæ фæразæм.

Мæнгард куы у не знаг,

Фыдцъаммар та йе ́взаг!»


Ды дард рæттæм хæсты

Æскъæфтай нæ цæфты.

Ды искæмæ,́ндæрмæ

Нæ кастæ æнхъæлмæ.

Ныхдур дын нæ лæууыд, —

Куы нæ дæ æнæуд.

Ды нал зыдтай «Нæйы!»

Æристаис мæйы.


Æххæссыдтæ дардыл

Фыддугæн йæ карзы.

Стæй ахуырмæ фондзæй

Фæкодтай нæ хорзтæй.


Сæ фæстæ ызгъордтай,

Бынæттæ сын домдтай.

Куы сæххæст дæ бæллиц,

Фæсабыр дæ фæдис.


Рæвдыдтай сæ мадау,

Фæтадтæ сыл царвау.

Бæсты сын фæцуæт,

Ныддаргъ уæт сæ цæуæт.


Дæ хъуыдытæ – дардыл,

Нæ кæстæрты фарныл.

Цырагъау сыл судзыс,

Хъазуатонæй кусыс.


Æнтысæт дын бирæ

Лæггæттæ нæ Ирæн.

Цыртдзæвæн дæхицæн

Нæ домыс æсхицæн.


О, макуы суай ́нæбон,

Цæхæрцæст Битарон.

Иры дон дын тайæд,

Дæ зæрдæ дзы райæд!


1999

Нæмыгдзæф бонтæ

Подняться наверх