Читать книгу Нæмыгдзæф бонтæ - Юлия Санахъоты - Страница 4

ÆМДЗÆВГÆТÆ
Нæ буц фыдæл

Оглавление

Къоста, нæ хур, куыд æнкъард у дæ Фæндыр,

Ысхъызы мыл дæ «Додой» -йæ тымыгъ.

Рæнхъыты́хсæн куы фехъусын дæ хъæрзын,

Ныммыр вæййы æрхæндæгæй мæ дзых!

Ивгъуыдæн нæй бынтон рохгæнæн царды,

Фæстæмæ кæсгæ, размæцыд дæр нæй!

Уыдзæн ивгъуыд нæ хъуыдыты йæ уагыл,

Уæт не ́ргом арæзт сомбонмæ рæвдзæй.


Дæ адæмуарзон мах фæхæссæм дисæн,

Дæ удау уарзтай адæмы бæргæ:

Куы уыдаид дунейы мæтæн исæн,

Æвæсмонæй йæ райстаис уæвгæ!


Нæ буц фыдæл, бæргæ ма ды куы фенис,

Ысты уæнгрог дæ фæдонтæ, куыстхъом.

Æртхутæгæй дæр растдзыстæм, куыд феникс,

Ысуыдзытæм дæ фæндиаг цæрдхъом!


Ыскæндзыстæм мах рухс цинады зарæг,

Цъæх арвы онг æй сисдзыстæм бæрзонд!

Ивгъуыды мах ныууадздзыстæм нæ хъарæг,

Тырндзыстæм райгæ фидæнмæ æмзонд!


1995

Нæмыгдзæф бонтæ

Подняться наверх