Читать книгу Нæмыгдзæф бонтæ - Юлия Санахъоты - Страница 22

ÆМДЗÆВГÆТÆ
Джон Эндрюйæн

Оглавление

Мæ хæлар Джон, цы Хуыцау дæ æрхаста

Нæ уæзæгмæ тымыгъы фæстæ, цы?

Дæ хъысмæт дæу нæ адæмимæ сбаста,

Кæныс ын ды хъæбулы лæггад, цыт.


Æхцон дæ удæн не ́гъдæуттæ, нæ бæстæ.

Нымдгæнгæ арыс рухс дзуæрттæн сæ ном.

Хæстæфхæрд Иры федтай ды дæ цæстæй,

Ныр архайыс, рæсугъддæр уа йæ сом.


Æххуысгæнгæ дзæвгар бæстæтыл зилыс,

Дæ уды дуар тыхст адæймагæн – гом.

Зындзинæдтæй, зыны, дæхи нæ хизыс…

Дæрдтыл зындгонд у махмæ дæр дæ ном.


Дæ цонгфæдард зыны нырид бæрæгæй…

Хæлар дын уæнт Иры уæлдæф, йæ дон!

Дæ зæрдæ, мæ хур, барухс уæд зæнæгæй,

Фæдонтæ схæссут а зæххыл нæртон.


Фæдзæхт фæу бæрзонд зæдтæй æнустæм,

Дæ лæггæдтыл цы нæ кæнай фæсмон.

Дæ дзæбæхтæ хæццæ кæнæт нæ хъустæм,

Ахъаз дын уæнт нæ Иры фарн, йæ мон.


2000

Нæмыгдзæф бонтæ

Подняться наверх