Читать книгу Три белых камня. Сборник стихов / Æртæ урс дуры - - Страница 11
Хосласæнтæ
ОглавлениеДы нæма федтай нæ хæхты
Дзомагъ хос куыд ласынц…
Хъæдты, къæдзæхты сæр рæгътыл
Сой кæрдæг ныддасынц.
Уистæй рассивынц уылæнтæ
Фæхстæ æмæ къулты,
Стæй цæргæсбадæн бæрзæндты
Самайынц мæкъуылтæ.
Галтæй æфтауцдонмæ ласынц
Дуртулæн тæссæрты…
Цард æмæ мæлæтæй хъазынц
Къæдзæхты хæд сæрты.
Азгъæлд бæлæстæн сæ сыфтæр,
Зары уад æхситтæй,
Æмæ мæкъуылтæн сæ ныв дæр
Нал фæзыны митæй.
Уæд хæххон лæгæн йæ зæрдæ
Нал фæхъæцы бонмæ, —
Фæндаг ласæнтыл фæгæрды
Æфтауцдонæй коммæ.
Хъæдты, къæдзæхты æхсæнты
Ласæн у къæдз-мæдзы,
Уым сæрсæфæны цæуæнты
Ихыл къах нæ хæцы.
Кæс… Мæкъуылты баст цы фæци? —
Хосдзауы фæхæссы,
Цыма расурынц кæрæдзи
Сау дыууæ цæргæсы.
Хохы сау тымыгъ йæ разæй
Ласæджы ыскъæфы,
Лæг фæцарæхсы æдасæй,
Науæд рындзæй сæфы.
Хос æй зилæнты уæлвонгæй
Арф æрхмæ нывзилдзæн,
Æмæ стонг рувас æввонгæй
Хус ыстджытыл зилдзæн…
Уым нæ фæразынц лæмæгътæ,
Хъал æмæ тæппудтæ,
Æмæ цардæн гуырынц хæхты
Сагартæн лæппутæ.