Читать книгу Три белых камня. Сборник стихов / Æртæ урс дуры - - Страница 17

«Цъахты хæрды бафæллади гал…»

Оглавление

Цъахты хæрды бафæллади гал,

Сау зæххыл уæззау дзоныгъ фæласы.

Бастад, мæгуыр, нал фæразы, нал,

Сау халон æм саппы сæрæй уасы.


Хицау æй æрдзæхст ласы хъæбæр,

Галæй уис фæстаг тыхтæ лæмары.

Зонгуытыл æрхауы гал, уæддæр

Сысты æмæ ахæцын фæлвары.


Цудгæ-цудгæ анцайы сындæг,

Фæндаг тартæ байдыдт йæ разы.

Галтæрæг æм бавдиды тызмæг,

Калмау уис йæ хус рагъыл ысхъазы.


Нал ызмæлы, нал æккуырсы гал,

Уымæ ныр цъæхснаг цæф дæр нæ хъары.

О, æдылы, нал, фæразыс, нал,

Галы хъаймæт халон дæр æмбары.


Три белых камня. Сборник стихов / Æртæ урс дуры

Подняться наверх