Читать книгу Три белых камня. Сборник стихов / Æртæ урс дуры - - Страница 9
Солдат
ОглавлениеМæ зæронд гыцци, уалдзыгон изæрты
Цæмæн цæуыс нæ хъæугæронмæ дард?
Дæ сау артдзæсты ма бахорз уæл арт,
Æнафон уасæг ма суасæд дæ кæрты…
Мæнæн æвзæр сынт атахти мæ сæрты,
Æрхауд тæвдæй кæйдæр зæххыл мæ кард…
Донайы был мын бавæрдтой мæ мард,
Фæлæ нæхимæ сыздæхти мæ зæрдæ.
Уый фестад хæхты суадæтты уынæр,
Хæссы æнтæф бон рог уддзæфæй сатæг,
Æхсæв æппары стъалытæй цæхæр…
Æрæнцад бон, æрфынæй зæххыд цадæг,
Ды мауал цу нæ фæндагмæ изæр,
Тæхы дæ сæрты урс бæлон – мæ кадæг.