Читать книгу Три белых камня. Сборник стихов / Æртæ урс дуры - - Страница 21
Бердзенаг лӕппуйы сагъӕс
ОглавлениеКӕм хъазы ӕхсӕрдзӕнтӕй ирд Ахелой,
Уым къудымты зӕлы ӕрхуым зарӕг дардӕй…
Мӕ Гыцци, дӕхицӕн нӕ арыс ӕнцой,
Кӕсыс та нӕ фӕндагмӕ азӕр ӕнкъардӕй.
Дӕ кӕрдӕнӕй цӕссыг ӕрсӕрфыс сындӕг,
Ды мысыс дӕ фырты, кӕсыс ӕм ӕнхъӕлмӕ,
Фӕзӕгъыс: «Уыдзӕн мын нымад лӕг, цӕрӕг,
Уым номдзыд фыссӕгӕй ӕрыздӕхдзӕн хъӕумӕ».
Цӕмӕй йӕ фӕзоныс: дӕ хъӕбул кӕмдӕр
Фӕкӕны ӕрвылбон йӕ къӕбӕрыл катай.
Уый бастади сахары цардӕй… Ныр дӕр
Ныггуыбыр йӕ къанторы куыстыл фӕлладӕй.
Ам дурзӕрдӕ адӕм – кӕрӕф ӕмӕ хин,
Ам худгӕ хӕрамӕй фӕхъӕстӕ мӕ зӕрдӕ.
Ӕхцаджын хъахбайтӕ – нӕ цардӕн ӕфсин,
Сӕ ныхас Мидасы тӕрхонӕй ӕвзӕрдӕр.
Ам курдиат хъоды, фӕцӕрӕн дзы нӕй,
Политикӕ зондӕн йӕ хъӕлӕс ӕхгӕны…
Дӕ лӕппу йӕ фӕндтыл ныффӕлдӕъта къӕй,
Дӕ лӕппу йӕ зарӕг, йӕ Хуыцау ныгӕны…
Ӕвхуыз Ахелойы был раджы кӕддӕр
Дӕ лӕппу цъӕх кӕрдӕгӕй ӕртӕх кӕм нызта,
Уым къулдымтыл уалдзыгон сатыр изӕр
Фӕхизынц дзӕгъӕлӕй йӕ фыстӕ.