Читать книгу Три белых камня. Сборник стихов / Æртæ урс дуры - - Страница 13

Фæдзæхст

Оглавление

Рагон æнгузы бын – бадæн, кæлдым,

Бадынц дада æмæ сабитæ уым.


Хъура куыдз къæйыл æрхуыссыд сæ цуры.

Зæронд лæг лæппутæн таурæгътæ дзуры.


Иу афон урсбоцъо фестад цæрдæг,

Куыдзыл цым лæдзæгæй ралæууыд лæг.


Фесхъиудта хъура, хъыллист кæнын систа.

Лæппутæ байдыдтой зæрондыл дистæ.


Алыгъди куыдз æмæ уынджы дæлдæр

Иу ран æрхуыссыд. Йæ къæхтыл-йæ сæр.


Дзуры та лæппутæн зæронд цыдæртæ,

Уый фæстæ систа йæ дзыппæй къæбæртæ.


Бацыди сабыргай куыдзмæ хæстæг,

Уый йæм скасти æрхуымæй тызмæг.


Лæг ын къæбæртæ æппары йæ разы,

Куыдзæн йæ цæстытыл цины рухс хъазы.


Сыстади, тилы йæ къæдзил,æнцад

Уидзы йæ баппатæ.Ферох йæ над.


Зæронд лæг ракæны куыдзы йæ фæдыл.

Лæппуты разы æрæнцади хъæдыл.


Дзуры сæм: «Федтат нæ куыдзæн йæ уаг?

Уымæй æгаддæр нæ уыдзæн хъуыддаг.


Хъусут, бабайы хъæбултæ? Къæбæртæ

Макуы уын балхæнæнт афтæ уæ зæрдæ».


Лæг сын йæ таурæгътæ дæрддæр хæссы,

Сау куыдз дæр зæххыл сæ разы хуыссы.


Три белых камня. Сборник стихов / Æртæ урс дуры

Подняться наверх