Читать книгу Три белых камня. Сборник стихов / Æртæ урс дуры - - Страница 7
«Æз равзæрдтæн зæххыл, цæмæй…»
ОглавлениеЯ в этот мир пришел, чтоб видеть солнце…
К. Бальмонт
Æз равзæрдтæн зæххыл, цæмæй
Уынон æдзух фыдбонтæ царды.
Цæмæй тæрхоны раз рæстæй
Цæуон рæстæвзарæгæй арты.
Æз райгуырдтæн зæххыл, цæмæй
Сымахæн карз æцæгтæ дзурон
Цæмæй уын кард æмæ зынгæй
Уæ удтæй хæйрæджытæ сурон.
Æз сæнтыстæн зæххыл, цæмæй
Лæууон рæстдзинадæн æвдисæн,
Цæмæй мын ног фæлтæр хъыгъдæй
Хæссой мæ уарзондзинад дисæн.
Цæмæй ысбæрæг уа, зынтæн
Лæджы бон цас уыдзæн фæразын…
Мæ хъуыды! Ма басæтт хъыгтæн!
Мæ зæрдæ! Фидар æхцон разын!