Читать книгу Три белых камня. Сборник стихов / Æртæ урс дуры - - Страница 35
Æнусон
ОглавлениеУыдис кæддæр нæ фыдæлтæн сæндон,
Уыдис нын ном йæ хъæзн æмæ йæ кадæй.
Йæ нæртон фарн, йæ диссаджы бæркадæй
Цыдис рæдау нæ ис æмæ нæ бон.
Уæд нын ызнæгтæ рахастой тæрхон, —
Куынæг æй кодтой хин кæнæ æфсадæй,
Цæмæй нæ мыггаг фесæфа æгадæй,
Цæмæй нæ хорз ном мауал уа нæртон.
Ныффæрфтой йæ, бындзарæй йæ ыскъахтой,
Ныннынæдтой йæ къалиугай кæмдæр.
Йæ кой, йæ хъæр нын нал уыдзæни, – загътой.
Фæлæ куы стынг ис уалдзæджы уынæр, —
Ныгæд къæцæлтæ ног талатæ суагътой,
Фыццагæй ноджы диссагдæр. Хуыздæр.