Читать книгу Три белых камня. Сборник стихов / Æртæ урс дуры - - Страница 37
Изæрмилты Дзомагъы уæзæгыл
ОглавлениеУыд кувæндонау мин азты нæ уæзæг,
Уыдысты хъæу йæ бæркадæй фæрныг.
Сæ ном, сæ цытыл никуы абадт рыг,
Мæныл та ныр æдзæрæг ран æрфæздæг.
Уынын пырхæй изæрмилты нæ мæсыг,
Кæны æнуд уаст топпæхсæнмй уыг.
Лæууы æнцад, мæрддзыгойау, уырдыг,
Тæдзы тæвдæй æдзæм дуртыл мæ цæссыг.
Æрæджы ам нæрæмон цард æхсыст,
Ныр дзы кæнынц кæйдæр дзæгъæл фос ривæд…
О, макуы уæд фыды уæзæг æлгъыст!
Кæм дæ, кæм дæ, нæ цардагур фæсивæд?
Мæ хъæрмæ азæр милдагынгтæй сыст,
Мæ зардæй хъæу йæ мæрдон хуыз ысивæд!