Читать книгу Ирон фæндыр - Коста Хетагуров - Страница 17
Салдат
ОглавлениеУдæнцой ма фена, махæн нæ цардывæнд
Чи халы барынвæндæй!..
О, мæ ныййарæг, æвзаргæ тын ма нывæнд, —
Цухъхъатæ дарæн мын нæй!..
Морæ фæсбынæй дæ буц хъæбулы зæрдæ
Нал ысрухскодтай, мæ мад! —
Исчи дæ фыртæн куы асæтта йе фсæртæ,
Додой, куы райса йæ над!
«Стонгæй мæлын, гыцци!» – никæмæ бадзурдзæн, —
Буц хæринагæн ын – кас…
Талынг къазармайы къуымы-иу батулдзæн,
Сау хъæмп – йæ гобан, йæ баз…
Иртæст йæ дзыллæйæ, уайтагъддæр базондзæн
Фидиссаг цардæн йæ ад;
Усгур лæппуйау дæ ницæуыл бадомдзæн, —
Хорз уа, æвзæр уа – салдат!
Исчи куы ныммара искуы дæ дарæджы, —
Чи ма йын райсдзæн йæ туг?
Ракæн-иу, ракæ йæ сагъæс дæ хъарæджы,
Аргæвд-иу хистæн нæ хъуг!..
О, мæ ныййарæг, уæд дын æз æрбамæлон,
Ма ку!.. Фæуыром дæхи!..
Фенæм уал… Фесæфæд сау лæппу цардбæллон, —
Чи мæ цы айса – йæхи!..