Читать книгу Ирон фæндыр - Коста Хетагуров - Страница 4
Гъæй, джиди!
ОглавлениеБирæ фæлмæн тынтæ зæрдæ нывæнды, —
Бар ма йын радт!..
Бирæ цыдæртæ мæгуыры фæфæнды
Иуæй-иу хатт.
– Гъæй, джиди, – афтæ фæзæгъы йæхицæн, —
Искуы æздæр
Адæмы фарнæй куы скæнин мæхицæн
Кад æмæ сæр!
Тарфдæр мæ зæрдæ йæхимæ куы хæссид
Искæй зынад,
Дунейы хæрзтæй хуыздæр мæм куы кæсид
Уарзондзинад!..